Сӕ иу дӕр мӕ сайы йӕхимӕ ӕмӕ иннӕ дӕр: фӕнды мӕ ацы дунейӕ ацӕуын ӕмӕ Чырыстиимӕ цӕрын – уый дзӕвгар хуыздӕр у.
Фӕлӕ мӕ, мыййаг, суанг нывондӕн куы ӕрхастӕуа, ӕмӕ нывонды тугау мӕ туг уӕ уырнындзинады нывондыл куы акӕла, уӕддӕр ӕз цин кӕнын, стӕй цин кӕ- нын уеппӕтимӕ дӕр.
Уымӕн ӕмӕ мын нӕ Хицау Йесо Чырысти раргом кодта ӕмӕ зонын, рӕхджы мӕ ацы буар кӕй хъуамӕ ныууадзон, уый.