Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3
Параллельные места
Дыууӕ зӕды Содоммӕ ӕрбацыдысты изӕры, Лот Содомы кулдуары цур куы бадти, уӕд. Лот сӕ федта, сыстади, рацыди сӕ размӕ ӕмӕ сын зӕххы онг акуывта йӕ сӕрӕй. Лот загъта: «Мӕ зынаргъ уазджытӕ, табуафси, рацӕут уӕ цагъары хӕдзармӕ; цӕхсдзыстут уӕ къӕхтӕ, бахсӕвиуат кӕндзыстут, райсомӕй та раджы сыстдзыстут ӕмӕ ацӕудзыстут уӕ фӕндагыл». Уыдон загътой: «Нӕ, мах уынджы ӕхсӕвиуат кӕндзыстӕм». Фӕлӕ сӕм Лот афтӕ зӕрдиагӕй ӕрхатыд, ӕмӕ йӕ фӕдыл бацыдысты хӕдзармӕ. Лот сын ӕрцӕттӕ кодта хӕринаг, сфыхта сын донгонд дзултӕ, ӕмӕ бахордтой. Уазджытӕ нӕма схуыссыдысты, афтӕ Содомы сахары ӕппӕт нӕлгоймӕгтӕ, ӕрыгонӕй зӕрондмӕ, иууылдӕр ӕртыхстысты хӕдзарыл, Хъӕр кодтой Лотмӕ, дзырдтой йын: «Дӕумӕ изӕры чи ӕрцыд, уыцы адӕймӕгтӕ кӕм сты? Ракӕн нӕм сӕ ӕмӕ сыл нӕхи аирхӕфсӕм». Лот йӕ фӕдыл дуар сӕхгӕдта, рацыди сӕм ӕддӕмӕ, Ӕмӕ сын загъта: «Ме 'фсымӕртӕ, ахӕм ӕвирхъау ми ма бакӕнут. Байхъусутма, мӕнӕн ис, нӕлгоймаг чи нӕма базыдта, дыууӕ ахӕм чызджы; фӕлтау уыдоны рахондзынӕн сымахмӕ, ӕмӕ уӕ цы фӕнды, уый сын бакӕнут; ӕрмӕст мӕ хӕдзармӕ ӕрбацӕуджытӕн ӕвзӕрӕй мацы саразут, уымӕн ӕмӕ мӕ хӕдзары уазӕг бакодтой сӕхи». Фӕлӕ уыдон загътой: «Ахъуыдты у нӕ фӕндагӕй». Ӕмӕ ма сӕ ныхасмӕ бафтыдтой: «Кӕсма йӕм, ӕрцӕуӕггаг у, афтӕмӕй йӕ махӕн тӕрхонгӕнӕгӕй ныллӕууын фӕнды. Ныр мах дӕуӕн уыдонӕй ӕвзӕрдӕр митӕ бакӕндзыстӕм». Лӕгдыхӕй фӕстӕмӕ ахӕцыдысты Лотыл – хъуамӕ асастаиккой дуар. Фӕлӕ уыцы лӕгтӕ сӕ къухтӕ радардтой ӕддӕмӕ, Лоты бакодтой хӕдзармӕ ӕмӕ дуар сӕхгӕдтой. Дуары ӕдде цы адӕм уыди, уыдоны та, чысылӕй стырмӕ, бакуырм кодтой, ӕмӕ фыдӕбоны хай фесты дуар агургӕйӕ. Уазджытӕ Лотӕн загътой: «Ам ма дын чи ис? Дӕ сиӕхстӕ, дӕ фырттӕ, дӕ чызджытӕ кӕнӕ ма дын ӕндӕр исчи сахары ис? Акӕн сӕ ацы бынатӕй. Мах ацы бынат фесафдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ йыл Хуыцаумӕ стыр хъаст ссыди, ӕмӕ мах рарвыста йӕ фесафынмӕ». Лот рацыд, йӕ чызджыты йын чи хъуамӕ ракуырдтаид, йӕ уыцы сиахсӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Сыстут ӕмӕ ацӕут ацы бынатӕй: Хуыцау рӕхджы фесафдзӕн ацы сахар». Фӕлӕ йын уыдон йӕ ныхӕстӕ хъазынмӕ бамбӕрстой. Боныцъӕхтыл зӕдтӕ дзырдтой Лотӕн, цӕмӕй фӕтагъддӕр кӕна: «Рӕвдздӕр акӕн ардыгӕй дӕ усы, демӕ чи ис, дӕ уыцы дыууӕ чызджы, науӕд фесӕфдзынӕ ацы тӕригъӕдджын сахаримӕ». Фӕлӕ Лот нӕ тагъд кодта. Уӕд уыцы дыууӕ лӕджы, Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ, ныххӕцыдысты Лоты, йӕ усы, йӕ дыууӕ чызджы къухтыл ӕмӕ сӕ ракодтой фӕссахармӕ. Уӕдӕ, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уыдӕтты тыххӕй сымах зонут ныридӕгӕн ӕмӕ уӕхи хъахъхъӕнут, хӕлд адӕмы рӕдыд фӕндагыл куыд нӕ ацӕуат ӕмӕ, фидар цӕуыл лӕуут, уымӕй куыд нӕ фӕиппӕрд уат, афтӕ.
Выбор основного перевода