Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3
Параллельные места
Хуыцауы ма ӕлгъит, адӕмы хицӕутты ма ӕфхӕр. Хуыцауы хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕгӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, ма уа къӕйных, мӕстыгӕр, расыггӕнаг, хылмондаг ӕмӕ кӕрӕф. Хицауы сӕраппонд коммӕгӕс ут, кӕй бар уыл цӕуы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр: паддзахӕн – уӕлдӕр хицауиуӕггӕнӕгӕн, Фыццаджыдӕр зонут, рӕстӕджы кӕрон кӕй фӕзындзысты, сӕ чъизи монцты дӕлбар чи уыдзӕн, ахӕм фауджытӕ. Уыдон уыл худдзысты: Уыдонау Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылайы сахартӕ хӕтыдысты ӕмӕ фехӕлдысты, ӕмӕ уый тыххӕй мыггагмӕйы арты ӕфхӕрд кӕй ӕййафынц, уый алкӕмӕн дӕр у зондыхос. Ахӕмтӕ сты уыцы сӕнттӕцӕгъдджытӕ дӕр – уыдон ӕлгъаг кӕнынц буар, Хуыцауы бартӕ ницӕмӕ дарынц ӕмӕ фауынц намысджынты.
Выбор основного перевода