11
Кӕсут-ма: Хуыцауӕн фӕндон хъыг уӕ куыд тынг ӕнувыд скодта, куыд зӕрдиагӕй уӕ бафӕндыд уӕ ном бахъахъхъӕнын, куыд тынг смӕсты стут, куыд егъау у уӕ тас, куыд иузӕрдион ныл разындыстут, куыд тынг разӕнгард стут азымджыны бафхӕрынмӕ! Сымах алцӕмӕй дӕр равдыстат, уыцы хъуыддаджы сыгъдӕг кӕй стут, уый.
Кӕд не 'взӕр митӕй Хуыцауы рӕстдзинад ӕргом кӕны, уӕд цы зӕгъӕм? Афтӕ зӕгъӕм: «Хуыцау раст нӕ уыдзӕн, Йӕ азар куы ныккала, уӕд»? (Адӕймаг куыд хъуыды кӕны, афтӕ дзурын.)
Хъалы бӕсты сымахӕн кӕуын ӕмбӕлы, цӕмӕй ахӕм хъуыддаг чи сарӕзта, уый фӕсырдӕуа уе 'хсӕнӕй.
Уыцы адӕймагӕн ӕгъгъӕд фӕуӕд, уӕ фылдӕрӕй цы ӕфхӕрд баййӕфта, уый.
Ӕмӕ уын талынджы хъӕбулты ӕнӕпайда хъуыддӕгтимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут.