Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Тӕхудиаг сты кӕуджытӕ – уыдон баййафдзысты рӕвдыд. Йесойӕн кӕй стӕрхон кодтой, уый Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ куы базыдта, уӕд ӕрхудт йӕхиуыл, дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы фӕстӕмӕ радта алчертӕм ӕмӕ адӕмы хистӕртӕм, Ӕмӕ загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн, ӕназым туг кӕй ауӕй кодтон, уымӕй». Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Уый махмӕ нӕ хауы. Дӕхи хъуыддаг у». Иудӕ ӕвзист ӕхцатӕ аппӕрста Кувӕндоны, рацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта. Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕртыккаг хатт ӕй «уарзыс Мӕ?» кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Хицау, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мӕ фысты. Куы йӕм байхъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты, кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Уӕдӕ Хуыцау муртаттӕн дӕр радта фӕсмон мыггагмӕ цӕрынӕн». Мӕн та мӕхицӕй раппӕлынӕй Хуыцау бахизӕд – раппӕлдзынӕн, нӕ Хицау Йесо Чырыстийы дзуары тыххӕй кӕй хъусын кӕнын, ӕрмӕст уымӕй. Уыцы дзуары фӕрцы мӕнӕн байтыгъдӕуыд дуне, мӕн та – дунейӕн. Алы ӕфхӕрд дӕр нын фыццаг ӕхсызгон нӕ вӕййы – хъыг нӕм фӕкӕсы. Фӕлӕ нӕ фӕстӕдӕр уыцы ӕфхӕрд куы сахуыр кӕны, уӕд нӕ цард свӕййы фӕрнджын ӕмӕ раст. Сымах куыд зонут, афтӕмӕй Исавы фӕстӕдӕр ӕрхъуыд йӕ фыды арфӕ, фӕлӕ дзы ӕнӕхай фӕци, уымӕн ӕмӕ, кӕд кӕугӕйӕ куырдта, уӕддӕр фыды фӕнд аивын йӕ бон нал уыд. Уымӕн ӕмӕ исчи ӕназымӕй ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ куы ӕвзара, ӕмӕ Хуыцауимӕ йӕ зӕрдӕ кӕй ис, уый сӕраппонд куы быхса, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у.
Выбор основного перевода