Ӕз дӕн сӕнӕфсиры Тала, сымах та – къалиутӕ; Мемӕ чи ис ӕмӕ Ӕз кӕимӕ дӕн, уый ӕрхӕссы бирӕ пайда. Уымӕн ӕмӕ ӕнӕ Мӕн уӕ бон ницы кӕнын у.
Цӕмӕй муртаттӕ Хуыцауӕн коммӕгӕс суой, уый тыххӕй Чырысти мӕ фӕрцы цы сарӕзта, уымӕй уӕлдай ницӕй тыххӕй зӕгъынмӕ хӕссын мӕ ныфс. Чырысти уыдӕттӕ бакодта ныхас ӕмӕ хъуыддагӕй,