Ау, ӕз апостол нӕ дӕн? Ау, ӕз сӕрибар нӕ дӕн? Ӕз нӕ Хицау Йесо Чырыстийы нӕ федтон, ӕви? Ӕз Хицауы сӕраппонд цы бакодтон, сымах мӕ уыцы фӕллой не стут, ӕви?
Кӕд иннӕтӕн апостол нӕ дӕн, уӕддӕр сымахӕн апостол дӕн. Ӕз Хицауы апостол кӕй дӕн, уымӕн ӕвдисӕйнаг сымах стут.
Гъе, уый у мӕ дзуапп, мӕныл даутӕ чи кӕны, уыдонӕн.