Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Моисей сахуыр кодта, мысыраг зондджынтӕ цы зыдтой, ӕппӕт уыдӕттӕ, уыди тыхджын ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр. Цӕмӕй уӕ уырнындзинад аразгӕ уа адӕймаджы зондӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ. Ӕцӕгады ныхасӕй, Хуыцауы хъаруйӕ. Рӕстдзинад нӕ хотых у, дарӕм ӕй рахиз къухы дӕр ӕмӕ галиуы дӕр. Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын: уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, мӕ уыцы тухӕнтӕ уын уӕ ныфс ма асӕттӕнт – уыдоны фӕрцы схайджын уыдзыстут намысӕй. Уый тыххӕй ӕз лӕууын мӕ зонгуытыл [нӕ Хицау Йесо Чырыстийы] Фыды раз – Арв ӕмӕ зӕххыл алы мыггагӕн дӕр ном Дӕттӕджы раз – Йӕ намысджын хӕзнадонӕй уын тых куыд ратта, Йӕ Уды руаджы уын уӕ уд куыд сфидар кӕна, Уӕ уырнындзинады фӕрцы Чырысти уӕ зӕрдӕты куыд ӕрцӕра. Ӕппынфӕстаг, ме 'фсымӕртӕ, удвидар кӕнут, Хицауимӕ кӕй стут, уымӕй, ӕмӕ Йӕ домбай хъаруйӕ. Уый тыххӕй уӕхи сифтонг кӕнут Хуыцауы хотыхтӕй, цӕмӕй фыдбылызы бон куы ралӕууа, уӕд уӕм разына ныхмӕ ӕрлӕууыны хъару, фӕуӕлахиз уат ӕппӕтыл дӕр, ӕмӕ ма фӕцудат. Ирвӕзындзинад уӕд уе згъӕрхуд, ӕмӕ райсут Уды лӕвӕрд цирхъ – Хуыцауы ныхас. Уыдӕттӕ дын, мӕ хъӕбул Тимофей, ӕз фӕдзӕхсын, дӕу тыххӕй цы пехуымпар ныхӕстӕ уыди, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ уыцы пехуымпар ныхӕстӕй разӕнгардӕй тох кӕн ӕнувыд хӕстонау. Йесо Чырыстийы иузӕрдион хӕстонӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ тухӕн кӕн мемӕ.
Выбор основного перевода