Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Куыд уӕ фӕнды? Лӕдзӕгимӕ уӕм ӕрцӕуон, ӕви уарзондзинадимӕ ӕмӕ ӕвӕлмасӕй? Бирӕтӕ, цӕстфӕлдахӕг уӕйгӕнджытау, зыгъуыммӕ кӕнынц Хуыцауы ныхас. Мах уыдонӕй не стӕм – Хуыцауы номӕй ӕмӕ Хуыцауы раз дзурӕм сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕмудӕй. Ныр уӕм ӕртыккаг хатт цӕуын. «Дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвдисӕны цы ныхасӕн уа, уый банымадӕуы растыл». Ӕз уӕм дыккаг хатт куы уыдтӕн, уӕд рагацау загътон, тӕригъӕды чи бафтыд, уыдонӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн сеппӕтӕн дӕр; ныр та фӕсаууонмӕ ногӕй зӕгъын: куы ӕрцӕуон, уӕд хатыр никӕмӕн уыдзӕн. Уымӕн ӕмӕ сымах агурут ӕвдисӕйнаг, мӕ дзыхӕй Чырысти дзуры ӕви нӕ. Чырысти уын ӕдых нӕу, фӕлӕ Йӕ хъару равдисы уе 'хсӕн. Кӕд Ӕй ӕдыхӕй байтыгъдӕуыд, уӕддӕр цӕры Хуыцауы хъаруйӕ. Чырысти куыд ӕдых уыди, мах дӕр афтӕ ӕдых стӕм, фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ Йемӕ цӕрдзыстӕм сымахӕн. Уӕхи бафӕлварут, уырнындзинад уӕм ис ӕви нӕ; уӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсут. Ӕви Йесо Чырысти уӕ зӕрдӕты кӕй ис, уый нӕ зонут? Кӕд ӕй нӕ зонут, уӕд, цавӕр хъуамӕ уат, ахӕмтӕ не стут. Уыцы ныфс мӕ ис, ӕмӕ сымах базондзыстут, мах цавӕр хъуамӕ уӕм, ахӕм кӕй стӕм, уый. Ӕмӕ кувӕм Хуыцаумӕ, цӕмӕй ӕвзӕрӕй мацы саразат. Нӕ куывд уый охыл нӕу, ӕмӕ цавӕр хъуамӕ уӕм, нӕхи ахӕмӕй равдисӕм – фӕнды нӕ, цӕмӕй сымах аразат хорз хъуыддӕгтӕ, мах цавӕр хъуамӕ уӕм, ахӕмӕй куы нӕ зынӕм, уӕд дӕр. Уымӕн ӕмӕ ӕцӕгады ныхмӕ ӕнӕбон стӕм, ӕцӕгады сӕраппонд та – тыхджын. Мах лӕмӕгъ куы вӕййӕм, сымах та – тыхджын, уӕд цины бафтӕм. Сымах ӕнаипп цӕмӕй уат, кувгӕ дӕр уый сӕраппонд кӕнӕм. Ӕппӕт уыдӕттӕ уӕм фӕсаууонмӕ уый тыххӕй фыссын, ӕмӕ сымахмӕ куы уон, уӕд мӕ ма бахъӕуа мӕхи карзӕй равдисыны сӕр, халынӕн нӕ, фӕлӕ мын аразынӕн Хицау цы бартӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ.
Выбор основного перевода