Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Коринфянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Уыцы рӕстӕг рауад стыр змӕст Хицауы фӕндаджы ныхмӕ. Иу зӕрингуырд, йӕ ном – Димитри, ӕвзистӕй кодта ус-хуыцау Артемидӕйы кувӕндӕттӕ, ӕмӕ уымӕй ӕрмдӕснытӕн лӕвӕрдта стыр ӕфтиаг райсыны фадат. Димитри ӕрӕмбырд кодта уыдоны, стӕй ӕндӕр ахӕм ӕрмдӕсныты дӕр, ӕмӕ сын загъта: «Хорз адӕм, сымах зонут, нӕ къӕбӕр ацы куыстӕй аразгӕ кӕй у. Сымах та уынут ӕмӕ хъусут, ӕрмӕст Эфесы нӕ, фӕлӕ ӕппӕт Асийы дӕр уыцы Павел кӕй асайдта бирӕ адӕмы – баууӕндын сӕ кодта, лӕджыкъухӕйконд хуыцӕуттӕ хуыцӕуттӕ не сты, зӕгъгӕ. Махӕн дзы уымӕй тӕссаг у, ӕмӕ сӕгад уыдзӕн канд нӕ дӕсныйад нӕ, фӕлӕ ӕппындӕр цӕсты нал ахаддзӕн стыр ус-хуыцау Артемидӕйы кувӕндон дӕр; ӕмӕ йӕ ном нал нӕрдзӕн, ӕппӕт Аси ӕмӕ ӕппӕт дуне кӕмӕн кувынц, уыцы ус-хуыцауӕн». Уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ маст рафыхт ӕмӕ хъӕр систой: «Стыр у Эфесаг Артемидӕ!» Ӕгас сахар ӕддӕг-мидӕг сси. Адӕм ӕрцахстой Павелы македониаг ӕмбӕлццӕттӕ Гай ӕмӕ Аристархы, ӕмӕ ӕмудӕй ныггуылф ластой театрмӕ. Павелы фӕндыд адӕммӕ рацӕуын, фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бауагътой. Сымах бахаудтат, адӕймаг кӕм бахауы, ахӕм фӕлварӕны. Фӕлӕ Хуыцау иузӕрдион у, ӕмӕ уыл не 'руадздзӕн, тых уӕм кӕй фаг нӕ разына, ахӕм фӕлварӕн, фӕлӕ уын уӕ фӕлварӕны баххуыс кӕндзӕн, куыд ын бафӕразат, афтӕ. Ӕз Эфесы хъӕддаг сырдтимӕ куы тох кодтон, уӕд мӕ нысан кӕд зӕххон уыди, уӕд мын уымӕй цы пайда ис? Кӕд мӕрдтӕ ӕгас нӕ кӕнынц, уӕд «байдайӕм хӕрын ӕмӕ нуазын, уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм!»
2. Коринфянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Выбор основного перевода