Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Коринфянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Павел афӕлгӕсыд синедрионыл ӕмӕ загъта: «Ме 'фсымӕртӕ, абоны онг цы ацардтӕн, уымӕй Хуыцауы раз мӕ цӕсгом сыгъдӕг у». Чырысти мӕ аргъауынмӕ нӕ рарвыста, фӕлӕ фарны уац хъусын кӕнынмӕ, уыимӕ зондджын къӕбӕлдзыг ныхӕстӕй нӕ, цӕмӕй ма фесӕфа Чырыстийы дзуары тых. Ӕмӕ фарны уац хъусын кодтон зондджын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ мӕ ныхас фидаргонд уыди Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ, Ӕмӕ ууыл мах дзурӕм, адӕймаджы зонд нӕ цы ныхӕстыл сахуыр кодта, уыдонӕй нӕ, фӕлӕ нын Сыгъдӕг Уд цы ныхӕстӕ бацамыдта, уыдонӕй. Удӕй цы у, уый ӕмбарын кӕнӕм Удӕй хайджынтӕн. Бирӕтӕ, цӕстфӕлдахӕг уӕйгӕнджытау, зыгъуыммӕ кӕнынц Хуыцауы ныхас. Мах уыдонӕй не стӕм – Хуыцауы номӕй ӕмӕ Хуыцауы раз дзурӕм сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕмудӕй. Махӕн иумӕйагӕй ницы ис, худинаджы тыххӕй кӕй фембӕхсынц, ахӕм митимӕ, нӕ архайӕм хинӕй ӕмӕ Хуыцауы ныхас нӕ зыгъуыммӕ кӕнӕм. Мах ӕргомӕй хъусын кӕнӕм ӕцӕгад, ӕмӕ нын Хуыцауы раз аргъгӕнӕг уӕд алы адӕймаг дӕр. Уӕдӕ Титӕн цӕмӕйдӕрты сымахӕй кӕй раппӕлыдтӕн, уымӕй къӕмдзӕстыгӕй нӕ баззадтӕн. Мах уын цы дзырдтам, уый раст куыд у, афтӕ Титӕн цӕмӕйты раппӕлыдыстӕм, уыдон дӕр раст разындысты. Кувут мах тыххӕй. Нӕ цӕсгом сыгъдӕг кӕй у, уый нын дызӕрдыггаг нӕу, уымӕн ӕмӕ архайӕм алцӕмӕй дӕр рӕстӕй цӕрыныл.
2. Коринфянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Выбор основного перевода