Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Фессалоникийцам
1 2 3
Параллельные места
Йесо сын дзуапп радта: «Уӕхи хизут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа. Уӕд бирӕтӕ ныууадздзысты уырнындзинад, кӕрӕдзийыл рацӕудзысты гадзрахатӕй ӕмӕ кӕрӕдзийӕ уындзысты се сӕфт. Фӕзындзӕни бирӕ мӕнгпехуымпартӕ ӕмӕ бирӕты асайдзысты. Ӕмӕ тӕригъӕды сарӕхы аххосӕй бирӕтӕн бамынӕг уыдзӕни сӕ уарзондзинад. Ӕз цалынмӕ семӕ уыдтӕн, уӕдмӕ сӕ хъахъхъӕдтон, Ды Мын кӕй радтай, Дӕ уыцы номы хъаруйӕ. Ӕз сӕ бахъахъхъӕдтон, ӕмӕ дзы ничи фесӕфт, мӕлинаджы йеддӕмӕ, цӕмӕй сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый. Дзӕгъӕлдзырдӕй уӕ мачи асайӕд. Ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй Хуыцау Йӕ азар ныккалдзӕн, басӕттын чи нӕ комы, уыдоныл. Уӕдӕ уын уыдонимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд. Сымах кӕддӕр талынджы уыдыстут, ныр та рухсы стут Хицауимӕ. Уӕдӕ цӕрут рухсы хъӕбулты цардӕй, Хуыцауы Уд бӕлвырд зӕгъы: рӕстӕджы кӕрон бирӕтӕ ныууадздзысты уырнындзинад, баууӕнддзысты фӕлитой удтыл ӕмӕ дӕлимонты ахуырӕдтыл.
2. Фессалоникийцам
1 2 3
Выбор основного перевода