Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
2. Фессалоникийцам
1 2 3
Параллельные места
Уый Чырыстийы руаджы мах сӕвзӕрста дуне сфӕлдисыны размӕ, Йӕ разы сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп куыд уӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй мах иудадзыг арфӕ кӕнӕм Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ махӕй цы Хуыцауы ныхас фехъуыстат, уый банымадтат адӕймагӕй рацӕугӕ ныхасыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгдӕр куыд у, афтӕ – Хуыцауы ныхасыл, ӕмӕ сымах, уырнджытӕ, уӕ цард аразут уыцы ныхасмӕ гӕсгӕ. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау мах сӕвзӕрста чъизи цардӕй цӕрынмӕ нӕ, фӕлӕ сыгъдӕг цардӕй цӕрынмӕ. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау мах сӕвзӕрста Йӕ фыдӕх ныл бафтауынмӕ нӕ, фӕлӕ нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы фервӕзынмӕ.
2. Фессалоникийцам
1 2 3
Выбор основного перевода