Ӕддаг бакастӕй чи зыны, дзыккуты уыцы аив быд, сызгъӕрин фӕлындӕнтӕ кӕнӕ аив дарӕс ма уӕнт уӕ фидауц,
Фӕлӕ уӕ зӕрдӕйы уаг, Хуыцауы цӕсты тынг зынаргъ чи у, уыцы ӕвӕлмас ӕмӕ сабыр удыхъӕды ӕнӕмӕлгӕ рӕсугъддзинад.
Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи дардта, уыцы сыгъдӕг устытӕ дӕр рагзаманы фидауцджын уыдысты, сӕ лӕгты коммӕ кӕй кастысты, уымӕй.