Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Мӕ уд цин кӕны Хуыцауыл, Мӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл – Ацы дунейы ӕгъдӕуттӕ ма фӕзмут; уадз ӕмӕ ног кӕна уӕ зонд ӕмӕ ива уӕ зӕрдӕ. Ӕмӕ уӕд уӕ бон уыдзӕн Хуыцауы фӕндон зонын – хорз цы у, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст цы у, уый. Павелӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй – уыцы куысты мӕ сӕвӕрдтой нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау ӕмӕ нӕ зӕрдӕдарӕн Йесо Чырысти. Уыцы царды сӕраппонд у нӕ фӕллой ӕмӕ нӕ тох, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цардӕгас Хуыцауыл дарӕм; Хуыцау та ӕппӕт адӕмӕн, уӕлдайдӕр уырнджытӕн, Ирвӕзынгӕнӕг у.
Выбор основного перевода