Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Петра
1 2 3 4 5
Параллельные места
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут, фӕцӕрынӕн уӕ цы хойраг ӕмӕ нозт хъӕуы, нӕдӕр ууыл, нӕдӕр уӕ буарӕн дарӕсыл. Мыййаг, цард хойрагӕй ахсджиагдӕр нӕу, буар та – дарӕсӕй? Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм: уыдон нӕдӕр тауынц, нӕдӕр кӕрдынц, нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, ӕмӕ сӕ уӕ Уӕларвон Фыд хӕссы. Сымах уыдонӕй бирӕ зынаргъдӕр не стут, ӕви? Стӕй уӕ йӕ мӕтӕй йӕ цардыл бирӕ нӕ, фӕлӕ иу сахат бафтауын дӕр кӕй бон бауыдзӕн? Дарӕсыл дӕр цы мӕт кӕнут? Акӕсут-ма, быдираг дидинджытӕ куыд рӕзынц, уымӕ: нӕдӕр кусынц, нӕдӕр ӕлвисынц. Зӕгъын уын: суанг Соломон, намысджын ӕмӕ хъӕздыг лӕг, уыдонӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ арӕзта йӕхи. Абон чи ис, райсом та пецы ӕппӕрст чи уыдзӕн, уыцы быдираг кӕрдӕджы Хуыцау афтӕ кӕм фӕлынды, уым сымах не сфӕлынддзӕн, ӕви, лӕмӕгъ уырнджытӕ! Мацӕуыл мӕт кӕнут, фӕлӕ алы хатт дӕр кувут Хуыцаумӕ, курут Дзы, бузныгӕй Йын ӕргом кӕнут уӕ хъуӕгтӕ,
1. Петра
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода