Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Петра
1 2 3 4 5
Параллельные места
Петр уый куы бамбӕрста, уӕд араст, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны мад Мариайы хӕдзармӕ. Ам ӕрӕмбырд бирӕ адӕм ӕмӕ куывтой. Петр кулдуар куы бахоста, уӕд кулдуары цурмӕ рацыди лӕггадгӕнӕг сылгоймаг, йӕ ном – Родӕ. Родӕ Петры йӕ хъӕлӕсӕй базыдта, фӕлӕ фырцинӕй кулдуар нӕ байгом кодта, афтӕмӕй базгъордта ӕмӕ радзырдта, Петр дуармӕ лӕууы, зӕгъгӕ. Уыдон ын загътой: «Уый дӕ зонд куы фӕцыд». Фӕлӕ Родӕ ныллӕууыд, цы загъта, ууыл. Уыдон та дзырдтой: «Уый Петрӕн йӕ зӕд у». Петр та хоста ӕмӕ хоста кулдуар. Кулдуар ын куы байгом кодтой, уӕд ӕй федтой ӕмӕ стыр дисы бафтыдысты. Петр сын йӕ къухӕй бацамыдта, цӕмӕй банцайой, ӕмӕ сын радзырдта, Хицау ӕй ахӕстонӕй куыд ракодта, уый тыххӕй. Стӕй сын загъта: «Ацы хабар фехъусын кӕнут Иаковӕн ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕн». Уый фӕстӕ рацыд уырдыгӕй ӕмӕ араст ӕндӕр ранмӕ. Куы ӕрбабон, уӕд ӕфсӕддонтӕ фӕдис систой: Петр цы фӕуыдаид? Ирод фӕцагуырдта Петры, ӕмӕ йӕ куы нӕ ссардта, уӕд ӕрфарста хъахъхъӕнджыты ӕмӕ радта сӕ амарыны бардзырд. Уый фӕстӕ Иудейӕйӕ ацыди Кесаримӕ ӕмӕ дзы афӕстиат. Ирод мӕсты уыди Тир ӕмӕ Сидоны цӕрджытӕм. Уыдон та баныхас кодтой иумӕ ӕмӕ йӕм ӕрцыдысты; балхӕдтой паддзахы галуанӕн уынаффӕгӕнӕг Власты зӕрдӕ, ӕмӕ куырдтой фидыд, уымӕн ӕмӕ сӕ бӕстӕйӕн хойраг паддзахы бӕстӕйӕ истой. Нысангонд бон Ирод паддзахы дарӕсы сбадти къӕлӕтджыны ӕмӕ дзырдта семӕ. Адӕм та хъӕр систой: «Уый адӕймаг нӕ, фӕлӕ хуыцау дзуры!» Ӕмӕ йӕ уайтӕккӕ Хуыцауы зӕд ӕрцавта, ӕцӕг Хуыцауӕн кад скӕныны бӕсты йӕхи хуыцау схонын кӕй бауагъта, уый тыххӕй; къуыдыркӕлмытӕ йӕ бахордтой ӕмӕ йӕ уд систа. Ныридӕгӕн Хуыцауы ныхас хӕлиу кодта парахатӕй. Варнавӕйӕн ӕмӕ Савлӕн фӕдзӕхст цы уыд, уый куы сарӕзтой, уӕд Иерусалимӕй ӕрбаздӕхтысты; семӕ ракодтой, Марк кӕй хуындӕуыд, уыцы Иоанны. Маркы ракӕн демӕ, уымӕн ӕмӕ мӕ уый Хуыцауы куысты хъӕугӕ кӕны. Сымах дӕр, лӕгтӕ, цӕрут уӕ устытимӕ, уыдон лӕмӕгъдӕр кӕй сты, уый ӕмбаргӕйӕ. Аргъ сын кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр уемӕ райсдзысты Хуыцауы хорзӕх – мыггагмӕйы цард. Афтӕмӕй уӕ куывд нӕ фӕкъуылымпы уыдзӕн.
1. Петра
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода