Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Ӕппӕт дӕр Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд, ӕмӕ цыдӕриддӕр сфӕлдыстӕуыд, уыдонӕй ӕнӕ Уымӕй ницы сфӕлдыстӕуыд. Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Хуыцау сфӕлдыста, ӕппӕт дӕр цӕры Йӕ фӕрцы ӕмӕ Уымӕн. Кад Ын уӕд мыггагмӕ! Амен. Хуыцауӕн алы хуызы балӕггадгӕнӕн ис, разӕнгардгӕнӕг та уыциу Хицау у. Куыстытӕ алыхуызон сты, фӕлӕ неппӕты фӕрцы ӕппӕт дӕр уыциу Хуыцау аразы. Ис уын иу Хицау, иу уырнындзинад, иу аргъуыд, Иу Хуыцау – неппӕты Фыд. Ӕппӕтыл дӕр цӕуы Йӕ бар, Йӕхи ӕвдисы алкӕй фӕрцы дӕр ӕмӕ цӕры алкӕй зӕрдӕйы дӕр. Ӕмӕ алчидӕр ӕргомӕй зӕгъа: Йесо Чырысти Хицау у. Уый уыдзӕни Фыд-Хуыцауы кадӕн. Уымӕн ӕмӕ арвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, цӕстӕй цы уынӕм ӕмӕ цы нӕ уынӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд: уӕларвон уӕлдӕр бынӕттӕ, хицӕуттӕ, ӕлдӕрттӕ, барджынтӕ – ӕппӕт дӕр Йӕ фӕрцы ӕмӕ Уымӕн сфӕлдыстӕуыд. Абон та, рӕстӕджы кӕрон, немӕ дзырдта, дун-дуне Кӕй фӕрцы сфӕлдыста ӕмӕ ӕппӕтӕн дӕр бындарӕй Кӕй сӕвӕрдта, Йӕ уыцы Фырты дзыхӕй. «Ды намысы ӕмӕ кады аккаг дӕ, нӕ тыхджын Хицау ӕмӕ нӕ Хуыцау, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт дӕр Ды сфӕлдыстай, ӕппӕт дӕр сфӕлдыстӕуыд ӕмӕ ӕппӕт дӕр цӕры Дӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ». Уыдон зарыдысты ног зарӕг: «Ды чиныг райсыны ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ асӕттыны аккаг дӕ, уымӕн ӕмӕ Дӕу ӕрхастӕуыд нывондӕн, ӕмӕ Дӕ Тугӕй Хуыцауӕн балхӕдтай адӕм алы мыггаджы ӕмӕ ӕвзаджы, алы адӕмы ӕмӕ адӕмыхатты ӕхсӕнӕй, Скодтай сӕ паддзӕхтӕ, нӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл».
Выбор основного перевода