Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уымӕ гӕсгӕ мӕ хъуыды у: муртаттӕй Хуыцаумӕ чи здӕхы, уыдоныл уӕлдай уаргъ ма ӕвӕрӕм. Фӕлӕ сӕм ныффыссӕм, ӕмӕ сӕхи бахизӕнт, мӕнгхуыцӕуттӕн нывондӕн ӕрхӕссынӕй цы фелгъаг, уый хӕрынӕй, хӕтынӕй, хӕдмӕл ӕмӕ туг хӕрынӕй [ӕмӕ сӕ сӕхицӕн цы нӕ фӕнды, уый ма кӕнӕнт иннӕтӕн]. Мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕ, туг ӕмӕ хӕдмӕл хӕрынӕй, стӕй хӕтынӕй хи бахизын [ӕмӕ уӕ уӕхицӕн цы нӕ фӕнды, уый иннӕтӕн нӕ кӕнын]. Уыдӕттӕй уӕхи куы хизат, уӕд раст бакӕндзыстут. Хӕрзбон». Чи хӕры, уый ӕнӕрвӕссон ма уӕд, чи нӕ хӕры, ууыл; ӕмӕ чи нӕ хӕры, уый тӕрхон ма кӕнӕд, чи хӕры, уымӕн: Хуыцау дзы Йӕхицӕн хъӕбул загъта. Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр уый тыххӕй амард ӕмӕ райгас, цӕмӕй мӕрдтӕн дӕр ӕмӕ удӕгӕстӕн дӕр сӕ Хицау уа. Мах, тыхджынтӕ, хъуамӕ ӕнӕбонтимӕ хӕссӕм уыдонӕн сӕ лӕмӕгъдзинӕдты уаргъ, ӕмӕ нӕхи зӕрдӕ ма ӕлхӕнӕм. Алчидӕр нӕ хъуамӕ ӕлхӕна хионы зӕрдӕ, хорзӕх ын цы хӕссы ӕмӕ йын йӕ уырнындзинад цы фидар кӕны, уымӕй. Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр Йӕхи зӕрдӕ не 'лхӕдта; уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Фыст: «Дӕу чи ӕлгъыста, уыдоны ӕлгъыстытӕ ӕрцыдысты Мӕныл». Дызӕрдыг нӕ кӕнын, ме 'фсымӕртӕ, алы хорз миниуӕг уӕм кӕй ис, алцыдӕр кӕй зонут ӕмӕ уӕ бон кӕрӕдзийӕн зонд амонын кӕй у, ууыл. Уӕдӕ мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕй хӕрыны тыххӕй мах зонӕм: мӕнгхуыцау дунейы ницы у, иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй. Уарзт у бирӕбыхсаг, зӕрдӕхӕлар, уарзт хӕлӕг нӕ кӕны, уарзт нӕу хиппӕлой, нӕу сӕрыстыр,
Выбор основного перевода