Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Дунейӕн сыгъдӕджытӕ кӕй тӕрхон кӕндзысты, уый нӕ зонут, ӕви? Кӕд иугӕр дунейӕн сымах тӕрхон кӕндзыстут, уӕд хуымӕтӕг хъуыддӕгтӕ равзарыны аккаг не стут? Зӕдтӕн мах кӕй тӕрхон кӕндзыстӕм, уый нӕ зонут, ӕви? Уӕд зӕххон царды быцӕутӕ равзарын нӕ бон нӕу? Уыдонӕй сты Именей ӕмӕ Александр. Ӕз сӕ бакодтон хӕйрӕджы бар, Хуыцауы нӕ фауыныл куыд сахуыр уой, афтӕ. Уымӕ гӕсгӕ фарны уац мӕрдтӕ дӕр уый тыххӕй фехъуыстой, ӕмӕ адӕмӕн тӕрхон куыд рахастӕуы, кӕд уыдоны буарӕн тӕрхон афтӕ рахастӕуыд, уӕддӕр уды ӕгъдауӕй цӕрой Хуыцауимӕ. Сӕ асайӕг хӕйрӕджы та ныппӕрстӕуыд, сырд ӕмӕ мӕнгпехуымпар кӕм сты, уыцы судзгӕ сондоны цадмӕ, ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй хъизӕмар кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.
Выбор основного перевода