Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Ӕз цы дзырдтон, ӕфсымӕртӕ, уый уӕ сӕраппонд мӕхи ӕмӕ Аполлосы тыххӕй загътон, цӕмӕй мах бафӕзмат, фыст цы у, уый сӕрты нӕ хизыныл – иу адӕймагӕй сӕрыстыр ма уат, иннӕйыл та дӕлӕмӕ ма хӕцат. Сымахӕй чидӕртӕ схъал сты – афтӕ сӕм кӕсы, цыма ӕз сымахмӕ нал ӕрцӕудзынӕн. Ӕмӕ ӕрмӕст йе 'рцыдӕй нӕ, фӕлӕ сымахӕй йӕ зӕрдӕ кӕй барухс, уымӕй дӕр. Уый нын радзырдта, мӕ фендмӕ кӕй бӕллут, уӕ хъыг куыд стыр у ӕмӕ разӕнгардӕй мӕ фарс кӕй стут, уый тыххӕй. Ӕмӕ уӕд ноджы бафтыди мӕ циныл. Кӕсут-ма: Хуыцауӕн фӕндон хъыг уӕ куыд тынг ӕнувыд скодта, куыд зӕрдиагӕй уӕ бафӕндыд уӕ ном бахъахъхъӕнын, куыд тынг смӕсты стут, куыд егъау у уӕ тас, куыд иузӕрдион ныл разындыстут, куыд тынг разӕнгард стут азымджыны бафхӕрынмӕ! Сымах алцӕмӕй дӕр равдыстат, уыцы хъуыддаджы сыгъдӕг кӕй стут, уый.
Выбор основного перевода