Алчидӕр нӕ хъуамӕ ӕлхӕна хионы зӕрдӕ, хорзӕх ын цы хӕссы ӕмӕ йын йӕ уырнындзинад цы фидар кӕны, уымӕй.
Иудейты ӕрхоныны сӕраппонд иудейтӕн ӕз сдӕн иудейау; Моисейы Ӕгъдауы дӕлбар уӕвджыты ӕрхоныны сӕраппонд ӕз уыдонӕн сдӕн Ӕгъдауы дӕлбар адӕймагау, кӕд Ӕгъдауы дӕлбар нӕ дӕн, уӕддӕр.
Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, уыдонӕн сдӕн, Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, ахӕмау, – афтӕмӕй та Хуыцауы раз ӕнӕ ӕгъдау нӕ дӕн, фӕлӕ дӕн Чырыстийы ӕгъдауы дӕлбар, – цӕмӕй ӕрхонон, Ӕгъдау кӕмӕн нӕй, уыдоны.
Лӕмӕгъты ӕрхоныны сӕраппонд лӕмӕгътӕн сдӕн лӕмӕгъау. Ӕппӕтӕн дӕр ӕз сдӕн алцы, цӕмӕй цыфӕндыйӕ дӕр фервӕзын кӕнон иуӕй-иуты.