Хӕргӕ куы кодтой, уӕд Йесо райста дзул, арфӕ ракодта, асаста йӕ, радта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут – уый Мӕ Буар у».
Стӕй райста сӕны кӕхц, арфӕ ракодта, радта сын ӕй ӕмӕ загъта: «Уеппӕт дӕр дзы баназут,
Уымӕн ӕмӕ уый Мӕ Туг у – уымӕй фидаргонд цӕуы ног фидыд, ӕмӕ акӕлдзӕни бирӕтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны сӕраппонд.
Хӕргӕ куы кодтой, уӕд Йесо райста дзул, арфӕ ракодта, асаста йӕ, радта сын ӕй ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут – уый Мӕ Буар у».
Стӕй райста сӕны кӕхц, арфӕ ракодта, радта сын ӕй, ӕмӕ дзы сеппӕт дӕр банызтой.
Ӕмӕ сын загъта: «Уый Мӕ Туг у – уымӕй фидаргонд цӕуы ног фидыд, ӕмӕ акӕлдзӕни бирӕты сӕраппонд.
Уый фӕстӕ райста дзул, арфӕ ракодта, асаста йӕ, радта сын ӕй ӕмӕ загъта: «Ай Мӕ Буар у, ӕмӕ уӕ сӕраппонд лӕвӕрд цӕуы мӕлӕтмӕ. Афтӕ кӕнут Мӕ ӕрымысынӕн».
Ӕхсӕвӕры фӕстӕ райста сӕны кӕхц дӕр ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у ног фидыд – уый фидаргонд цӕуы, сымах сӕраппонд чи акӕлдзӕни, Мӕ уыцы Тугӕй.