Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Иоанна
1 2 3 4 5
Параллельные места
Уӕд сын байгом кодта сӕ зонд Сыгъдӕг Фыст ӕмбарынӕн, Уымӕн ӕмӕ Фыд Йӕхӕдӕг царддӕттӕг куыд у, афтӕ Йӕ Фырты дӕр скодта царддӕттӕг, Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн мӕрдтӕй ӕгасгӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг. Мӕныл чи ӕууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн. Мыггагмӕйы цард та уый у, ӕмӕ Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де 'рвыст Йесо Чырыстийы куыд зоной. Мах та схайджын стӕм ацы дунейы удӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд Удӕй, цӕмӕй зонӕм, Хуыцау нын цы ралӕвар кодта, уый. Уымӕн ӕмӕ «Хицауы зонд афтӕ чи базыдта, ӕмӕ Йын амонӕг уа?» Махмӕ та Чырыстийы зонд ис. Сымах та Сыгъдӕг схайджын кодта Йӕ Удӕй, ӕмӕ уеппӕт дӕр зонут ӕцӕгад. Ӕниу, сымах Уый схайджын кодта Йӕ Удӕй. Уыцы Уд цӕры уӕ зӕрдӕты, ӕмӕ, исчи уӕ ахуыр кӕна, уый хъуаг не стут. Уыцы Уд уын амоны алцыдӕр, ахуыр уӕ кӕны, мӕнг цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгадыл. Уӕдӕ уын Чырыстиимӕ уӕд иудзинад, Уд уӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ. Ӕмӕ Филаделфийы аргъуаны зӕдмӕ дӕр ныффысс: „Давиды дӕгъӕл Кӕмӕ ис, куыд мачи сӕхгӕна, афтӕ Чи гом кӕны ӕмӕ куыд мачи байгом кӕна, афтӕ Чи ӕхгӕны, уыцы Сыгъдӕг ӕмӕ Ӕцӕг зӕгъы:
1. Иоанна
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода