Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1. Иоанна
1 2 3 4 5
Параллельные места
Ӕмӕ Йын загъта: «Дӕ дӕлбар Дын бакӕндзынӕн ӕппӕт ацы паддзахӕдтӕ сӕ намысимӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнӕн лӕвӕрд сты, ӕмӕ мӕ кӕмӕн бафӕнды, уымӕн сӕ раттын. А дунейы хуыцау уыцы ӕнӕуырнджыты бакуырм кодта, ӕмӕ нӕ уынынц Чырыстийы, Хуыцауы Халдихы, намысыл дзурӕг фарны уацы тӕмӕнкалгӕ рухс. Чырысти нӕ тӕригъӕдты тыххӕй Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна ацы мӕнгард дунейӕ – афтӕ бафӕндыди нӕ Фыд Хуыцауы. Мӕ хъӕбултӕ, сымах Хуыцауӕй стут ӕмӕ басастат уыцы мӕнгпехуымпарты, уымӕн ӕмӕ уӕ зӕрдӕты Чи ис, Уый уӕлдӕр у, дунейы чи ис, уымӕй. Уыдон дунейӕ сты, ӕмӕ дзургӕ дӕр дунейы ӕвзагыл кӕнынц, ӕмӕ сӕм дуне хъусы. Мах та Хуыцауӕй стӕм, ӕмӕ Хуыцауы чи зоны, уый нӕм хъусы. Хуыцауӕй чи нӕу, уый та нӕм нӕ хъусы. Уымӕй базонӕм ӕцӕгады Уды ӕмӕ фӕливӕг уды.
1. Иоанна
1 2 3 4 5
Выбор основного перевода