Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уый арфӕ бафтыдта Аврамыл: «Арфӕгонд у Аврам Бӕрзонд Хуыцауӕй, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгӕй. Фӕлӕ Аврам Содомы паддзахӕн дзуапп радта: «Ӕз дарын мӕ къухтӕ Бӕрзонд Хуыцаумӕ, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгмӕ, ӕмӕ сомы кӕнын, Ӕз уӕ бакӕндзынӕн ӕмӕ уын мыггагмӕ ратдзынӕн, сӕ заманы Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Иаковӕн сомы кӕй тыххӕй ракодтон, уыцы зӕхх. Ӕз Дунедарӕг дӕн!“» Уымӕн ӕмӕ Хуыцау ӕхсӕз бонмӕ сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх, денджыз, ӕмӕ денджызы цы ис, ӕппӕт уыдӕттӕ; ӕвдӕм бон та Йӕ фӕллад уагъта. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау арфӕ бафтыдта сабатыл ӕмӕ йӕ скодта бӕрӕг бон.
Выбор основного перевода