Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Фараон фехъуыста уыцы хабар, ӕмӕ хъавыди Моисейы амарынмӕ. Фӕлӕ Моисей фӕлыгъд фараонӕй, бахӕццӕ мадиамаг зӕхмӕ, ӕмӕ ӕрбадти цъайы цур. Ахӕм хъуыды йӕм куы сӕвзӕрд, уӕд ӕм фыны фӕзынд Хуыцауы зӕд ӕмӕ йын загъта: «Давиды байзӕддаг Иосиф! Ма тӕрс дӕ ус Мариайы дӕ хӕдзармӕ ӕрбахонынӕй – Йӕ гуыбыны Чи сӕвзӕрди, Уый Сыгъдӕг Удӕй у. Ироды амӕлӕты фӕстӕ Хуыцауы зӕд фыны фӕзынд Иосифмӕ Мысыры, Уый йӕ къӕдзилӕй расӕрфта стъалыты ӕртыццаг хай арвӕй ӕмӕ сӕ ӕркалдта зӕхмӕ. Залиаг калм лӕууыд арӕг сылгоймаджы раз, куы ныййара, уӕд ын йӕ сывӕллоны куыд бахӕра, афтӕ. Сылгоймаг ныййардта, ӕппӕт адӕмты ӕфсӕн лӕдзӕгӕй чи здахдзӕн, ахӕм лӕппу. Ӕмӕ сывӕллон ист ӕрцыд Хуыцаумӕ, Хуыцауы бадӕн кӕм ис, уырдӕм. Сылгоймаг та алыгъд ӕдзӕрӕг бӕстӕмӕ, Хуыцау ын бынат кӕм ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм, уым ын мин дыууӕсӕдӕ ӕхсай боны куыд лӕггад кӕной, афтӕ.
Выбор основного перевода