Бузныг Хуыцауӕй, сымах тӕригъӕдӕн уыдыстут цагъартӕ, фӕлӕ ныр зӕрдиагӕй коммӕгӕс стут, уӕ зӕрдӕйы уын цы ахуырад нывӕрдӕуыд, уымӕн.
Мӕнӕй цы раст ныхӕстӕ фехъуыстай, уыдон дын уӕнт зондыхос; дӕ цард араз, Йесо Чырыстиимӕ баиуы руаджы цы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй схайджын стӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ.