Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Хуыцау уд у, ӕмӕ Йӕм чи кувы, уыдон Ӕм Удӕй разӕнгардӕй ӕмӕ ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ хъуамӕ кувой». Афтӕ сымах дӕр тӕригъӕдӕн уӕхи нымайут мардыл, Хуыцауӕн та удӕгасыл, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стут, уый фӕрцы. Ӕмӕ уӕ буары уӕнгтӕ ма раттут тӕригъӕдӕн – ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразыны хотыхӕн, фӕлӕ сымах мӕрдтӕй кӕй райгас стут, уымӕ гӕсгӕ уӕхи бакӕнут Хуыцауы ӕвджид ӕмӕ Йын рӕстады хотыхӕн раттут уӕ уӕнгтӕ. Хуыцауы хӕдзар чи фӕчъизи кӕна, уый Хуыцау бафхӕрдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы хӕдзар сыгъдӕг у; ӕмӕ уыцы хӕдзар сымах стут. Ӕмӕ сымах дӕр, удӕгас дуртау, уӕхи раттут Хуыцауӕн уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн, уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывондтӕ – лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй.
Выбор основного перевода