Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Евреям
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
„Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн: сбад Мӕ рахиз фарс, цалынмӕ Дын Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрон, уӕдмӕ"? Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс. Фӕлӕ уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахиз фарс бадгӕ ӕмӕ уӕларвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ». Семӕ фӕныхас кӕныны фӕстӕ Йесойы систӕуыд уӕларвмӕ, ӕмӕ ӕрбадти Хуыцауы рахиз фарс. Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ ӕрцарди не 'хсӕн, уыди хорзӕхы ӕмӕ ӕцӕгады суадон. Ӕмӕ мах федтам Йӕ намыс – Фыды иунӕг Фырты намыс. Уымӕн ӕмӕ Давид уӕларвмӕ не ссыди, фӕлӕ зӕгъы: „Хуыцау загъта мӕ Хицауӕн: сбад Мӕ рахиз фарс, А дунейы хуыцау уыцы ӕнӕуырнджыты бакуырм кодта, ӕмӕ нӕ уынынц Чырыстийы, Хуыцауы Халдихы, намысыл дзурӕг фарны уацы тӕмӕнкалгӕ рухс. Чырысти не ссӕрибары аргъ бафыста Йӕ Тугӕй, ӕмӕ нын хатыр сты нӕ тӕригъӕдтӕ. Афтӕ равдыста Хуыцау Йӕ ӕгӕрон хорзӕх, Уыцы тых Хуыцау равдыста Чырыстийыл – мӕрдтӕй Йӕ райгас кодта ӕмӕ Йӕ уӕлӕрвты сбадын кодта Йӕ рахиз фарс, Ӕппӕт уӕларвон ӕлдӕрттӕй ӕмӕ барджынтӕй, тыхджынтӕй ӕмӕ хицӕуттӕй уӕлдӕр; ӕмӕ Йын радта ӕрмӕст абоны нӕ, фӕлӕ фидӕны дунейы ӕппӕт нӕмттӕй дӕр уӕлдӕр ном. Уый райгуырд ӕппӕт сфӕлдисыны размӕ, Уый у, цӕстӕй Кӕй нӕ уынӕм, уыцы Хуыцауы Халдих. Уымӕн ӕмӕ арвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, цӕстӕй цы уынӕм ӕмӕ цы нӕ уынӕм, ӕппӕт уыдӕттӕ Уый фӕрцы сфӕлдыстӕуыд: уӕларвон уӕлдӕр бынӕттӕ, хицӕуттӕ, ӕлдӕрттӕ, барджынтӕ – ӕппӕт дӕр Йӕ фӕрцы ӕмӕ Уымӕн сфӕлдыстӕуыд. Ӕппӕт сфӕлдысты размӕ дӕр Уый ис, ӕмӕ ӕппӕтыл дӕр Уый хӕцы. Уый иннӕ алчерты хуызӕн нӕу; ӕрвылбон Ӕй фыццаг Йӕхи тӕригъӕдты, уый фӕстӕ та адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй нывондтӕ хӕссыны сӕр нӕ хъӕуы. Йесо уый бакодта иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ, Йӕхи нывондӕн куы ӕрхаста, уӕд. Нӕ ныхасы сӕр та мӕнӕ уый у: махӕн ис, уӕлӕрвты Дунедарӕджы рахиз фарс Чи сбадт, ахӕм Алчер. Уӕд цас ӕмӕ цас тыхджындӕр у, мыггагмӕйы Уды фӕрцы Хуыцауӕн Йӕхи ӕнаипп нывондӕн Чи ӕрхаста, уыцы Чырыстийы Туг! Уыцы Туг мах фервӕзын кӕндзӕн ӕфсармы тӕрхонӕй – ныууадздзыстӕм мӕлӕтхӕссӕг хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кусдзыстӕм цардӕгас Хуыцауӕн. Афтӕ куы уаид, уӕд Ӕй дуне сфӕлдисынӕй фӕстӕмӕ бирӕ хӕттыты бахъуыдаид хъизӕмар кӕнын. Ныр та Уый ӕрцыд иу хатт, рӕстӕджы кӕронмӕ, тӕригъӕд фесафыны сӕраппонд Йӕхи нывондӕн ӕрхӕссынмӕ. Йесо та тӕригъӕдты тыххӕй ӕрхаста иу нывонд, Хуыцауы рахиз фарс сбадти мыггагмӕ, Уырнындзинад Чи дӕтты ӕмӕ йӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Чи кӕны, уыцы Йесомӕ кӕсгӕйӕ: цы цины аккаг уыд, уый бӕсты фӕразонӕй фӕхъизӕмар кодта, ӕгад ницӕмӕ ӕрдаргӕйӕ, амард дзуарыл, ӕмӕ ныр бады Хуыцауы рахиз фарс.
К Евреям
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Выбор основного перевода