Ноджы ма мӕ фӕнды, цӕмӕй сымах зонат: алы нӕлгоймагӕн дӕр йӕ хицау Чырысти у, сылгоймаджы хицау нӕлгоймаг у, Чырыстийы хицау та Хуыцау у.
Хуыцау ӕппӕт дӕр фӕкодта Чырыстийы къӕхты бын, сӕвӕрдта Йӕ тӕккӕ уӕлдӕр бынаты – Аргъуаны сӕргъы.
Цагъартӕ, цыма Чырыстийы коммӕ кӕсут, афтӕ зӕрдиагӕй коммӕгӕс ут уӕ зӕххон хицӕуттӕн, тӕрсут сӕ хъыджы бацӕуынӕй.