Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не 'рцӕуа, уӕд.
Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы намысӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал и кӕрон.