Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмбӕрзӕн бауаф ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй; ӕмбӕрзӕныл херувимтӕ хъуамӕ уой нывӕфтыдӕй. Ӕмбӕрзӕн ӕрцауындз къӕпсыртыл, ӕмӕ фӕсӕмбӕрзӕнмӕ бахӕсс фидыды Чырын. Ӕмбӕрзӕн сыгъдӕг бынат фӕхицӕн кӕндзӕн Иууылсыгъдӕг бынатӕй. Уыцы дарӕстӕ Аароныл ӕмӕ йӕ фырттыл уыдзысты, Фембӕлды Цатырмӕ мидӕмӕ кӕнӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ нывондхӕссӕнмӕ куы цӕуой, уӕд, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтой ӕмӕ ма амӕлой. Уыцы ӕгъдау Ааронӕн ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн ӕххӕстгӕнинаг у мыггагмӕ. Аарон изӕры цырӕгътӕ куы судза, уӕд уыцы нывондхӕссӕны артыл хъуамӕ ӕрӕвӕра хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; уыцы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ Дунедарӕджы раз судзын ӕнусон фӕдзӕхст у уеппӕт фӕлтӕртӕн дӕр.
Выбор основного перевода