Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕмӕ сымах дӕр, удӕгас дуртау, уӕхи раттут Хуыцауӕн уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн, уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывондтӕ – лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй. Сымах та стут «ӕвзӕрст мыггаг, лӕггадгӕнджытӕ Паддзахӕн, Хуыцау Йӕхи кӕй бакодта, уыцы сыгъдӕг адӕм», талынгӕй уӕ Йӕ диссаджы рухсмӕ Ӕрхонӕджы алӕмӕты хъуыддӕгты тыххӕй куыд хъусын кӕнат. Скодта нӕ паддзӕхтӕ, Йӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Фыдӕн лӕггадгӕнджытӕ. Кад ӕмӕ Йын Паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Амен. Скодтай сӕ паддзӕхтӕ, нӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл». Тӕхудиаг сты, мӕрдты фыццаг райгасы чи райгас уа – уыдон Хуыцауы адӕм сты; дыккаг мӕлӕты бон сыл нӕ цӕуы, фӕлӕ уыдзысты Хуыцауӕн ӕмӕ Чырыстийӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ Йемӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мин азы.
Выбор основного перевода