Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Йӕ фырттӕ Исаак ӕмӕ Измаил ӕй баныгӕдтой Махпелы лӕгӕты, хеттаг Цохары фырт Ефроны быдыры, Мамрейы акомкоммӕ – Ханааны зӕххыл, Мамремӕ хӕстӕг Махпелы быдыры чи ис, хеттаг Ефронӕй Авраам ныгӕнынӕн быдыримӕ иумӕ цы лӕгӕт балхӕдта, уым. Уым ныгӕд сты Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕ, уым ныгӕд сты Исаак ӕмӕ йӕ ус Ревеккӕ; ӕз дӕр Лиайы уым баныгӕдтон. Уыцы лӕгӕт быдыримӕ иумӕ ӕлхӕд ӕрцыди хеттӕгтӕй». Йӕ фырттӕ йын йӕ мард ахастой Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, Авраам йӕ мӕрдты ныгӕнынӕн Мамрейы акомкоммӕ хеттаг Ефронӕй Махпелы быдыры цы лӕгӕт балхӕдта, уым. Сӕ мӕрдтӕ сын рахастой Сихеммӕ ӕмӕ, Авраам Емморы байзӕддӕгтӕй ӕвзистӕй цы зӕппадз балхӕдта, уым сӕ бавӕрдтой.
Выбор основного перевода