Рауади стыр хъӕлӕба. Фарисей чи уыд, уыцы динамонджытӕй сыстади цалдӕр, ӕмӕ загъд самадтой: «Ацы адӕймагмӕ мах ӕвзӕрӕй ницы уынӕм. Кӕд ын уыдӕттӕ уд кӕнӕ зӕд загъта, уӕд та?»
Бирӕтӕ, цӕстфӕлдахӕг уӕйгӕнджытау, зыгъуыммӕ кӕнынц Хуыцауы ныхас. Мах уыдонӕй не стӕм – Хуыцауы номӕй ӕмӕ Хуыцауы раз дзурӕм сыгъдӕг зӕрдӕйӕ, Чырыстиимӕ ӕмудӕй.