Фысгӕ дӕр уӕм уый тыххӕй ныккодтон, ӕмӕ уӕм куы ӕрцӕуон, уӕд мӕ маст ма бауадзой, мӕ зӕрдӕ кӕмӕй хъуамӕ барухс уа, уыдон. Уырны мӕ: мӕ цин уеппӕты цин у.
Сымахмӕ дӕр ӕндӕр зонд кӕй нӕ уыдзӕн, ууыл ӕз Хицауы фӕрцы фидарӕй дарын мӕ зӕрдӕ. Уӕ зонд уын чи змӕнты, чидӕриддӕр уӕд, баййафдзӕн ӕфхӕрд.
Ӕмӕ ныр сымах ахӕм цӕстӕй кӕсут ӕгас Македонийы ӕппӕт ӕфсымӕртӕм. Курӕм уӕ, ӕфсымӕртӕ: ут ноджы ӕнувыддӕр,