Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
«Адӕймаджы Фырт ӕппӕт зӕдтимӕ намысджынӕй куы ӕрцӕуа, уӕд сбаддзӕн Йӕ намысджын бынаты. Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕй чи фефсӕрмы уа, уымӕй фефсӕрмы уыдзӕн Адӕймаджы Фырт дӕр, Йӕхи, Йӕ Фыды ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты намысимӕ куы ӕрцӕуа, уӕд. Алкӕмӕн дӕр цард Чи дӕтты, уыцы Хуыцауы раз, стӕй Понтий Пилатӕн ӕцӕгады тыххӕй ӕргомӕй Чи загъта, уыцы Йесо Чырыстийы раз дын фӕдзӕхсын: Ӕппӕт уыдӕттӕ зӕрдыл лӕууын кӕн ӕмӕ Хуыцауы раз фидарӕй фӕдзӕхс, цӕмӕй ӕнӕпайда быцӕуныхас ма кӕной – уыцы быцӕутӕ ӕрмӕст зиан ӕрхӕссынц, чи сӕм хъусы, уыдонӕн. Хуыцауы раз, стӕй Йӕ паддзахы бартимӕ Чи ӕрцӕудзӕн ӕмӕ удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн тӕрхон Чи кӕндзӕн, нӕ уыцы Хицау Йесо Чырыстийы раз дын фидарӕй фӕдзӕхсын:
Выбор основного перевода