Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Цӕлхдур ма ут нӕдӕр иудейтӕн, нӕдӕр бердзентӕн, нӕдӕр Хуыцауы аргъуанӕн, Ӕмӕ мын Хуыцау цы хорзӕх радта, уый куы базыдтой, уӕд Иаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн – аргъуаны цӕджындзтыл кӕй нымайынц, уыдон – немӕ ӕмгуысты нысанӕн мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн райстой нӕ къухтӕ, цӕмӕй мах ацӕуӕм муртаттӕм, уыдон та – сунӕтгӕндтӕм. Уӕдӕ сымах ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ нал стут, фӕлӕ сыгъдӕджыты ӕмбӕстӕгтӕ ӕмӕ Хуыцауы хӕдзаронтӕ. Сымах амад ӕрцыдыстут апостолты ӕмӕ пехуымпарты бындурыл, сӕрӕвӕрӕн дур та Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг у, Ӕппӕт бӕстыхайыл Уый хӕцы, ӕмӕ бӕстыхай рӕзы, Хицауы сыгъдӕг кувӕндон куыд суа, афтӕ. Чырыстиимӕ иугондӕй, сымахӕй дӕр Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ амадӕуы цӕрӕн хӕдзар Хуыцауӕн. Уымӕн ӕмӕ хи хӕдзарӕн уынаффӕ кӕнынмӕ чи нӕ арӕхсы, уый Хуыцауы аргъуаныл куыд мӕт кӕндзӕн? Уыцы царды сӕраппонд у нӕ фӕллой ӕмӕ нӕ тох, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цардӕгас Хуыцауыл дарӕм; Хуыцау та ӕппӕт адӕмӕн, уӕлдайдӕр уырнджытӕн, Ирвӕзынгӕнӕг у. Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у, ӕмӕ йыл ис мыхуыр мӕнӕ ацы ныхӕстӕй: «Хицау зоны Йӕ адӕмы», стӕй: «Хицауы ном чидӕриддӕр ары, уый тӕригъӕды мауал ӕфтӕд». Чырысти та Фыртау ӕнувыд у. Ӕвӕрд ӕрцыд Хуыцауы ӕппӕт хӕдзары сӕргъы, уыцы хӕдзар та мах стӕм, ныфсджын куы уӕм ӕмӕ цы зӕрдӕдарӕнӕй ӕппӕлӕм, ууыл ӕнувыд куы разынӕм, уӕд.
Выбор основного перевода