Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5
Параллельные места
Дуне уӕ йе сӕфт куы уына, уӕд зонут – сымахӕй раздӕр Мӕнӕй уыдта йе сӕфт. Ӕмӕ Йесо махӕн бафӕдзӕхста адӕммӕ фарны уац фӕхӕссын, Уый удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн Хуыцауӕй ӕвӕрд Тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уымӕн ӕвдисӕн лӕууын. Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр уый тыххӕй амард ӕмӕ райгас, цӕмӕй мӕрдтӕн дӕр ӕмӕ удӕгӕстӕн дӕр сӕ Хицау уа. Ды та цӕмӕн тӕрхон кӕныс де 'фсымӕрӕн? Ӕмӕ ды дӕр цӕмӕн дӕлдӕр кӕныс де 'фсымӕры? Неппӕт дӕр Хуыцауы тӕрхоны раз ӕрлӕудзыстӕм. Хуыцауы раз, стӕй Йӕ паддзахы бартимӕ Чи ӕрцӕудзӕн ӕмӕ удӕгӕстӕн ӕмӕ мӕрдтӕн тӕрхон Чи кӕндзӕн, нӕ уыцы Хицау Йесо Чырыстийы раз дын фидарӕй фӕдзӕхсын: Уӕ цӕсгомыл къӕм абадын ма бауадзут, ӕмӕ фӕхудинаг уой, уӕ дзӕбӕх чырыстон цардыл цъыф чи калы, уыдон.
Выбор основного перевода