Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Ӕз уын цы ныхас загътон, уый уӕ зӕрдыл дарут: „Цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу". Кӕд Мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты. Кӕд Мӕ ныхасмӕ хъуыстой, уӕд уӕ ныхасмӕ дӕр хъусдзысты. Баззад сӕм ӕмӕ куыста семӕ, уымӕн ӕмӕ сӕм Павелимӕ иу дӕсныйад уыди – цатыртӕ аразын. Чырыстийы уарзтӕй мах ӕнӕхай чи фӕкӕндзӕн? Хъыг ӕви зынтӕ, ӕфхӕрд ӕви стонг, быгъдӕг-бӕгънӕг, тас ӕви цирхъ? Афтӕ зӕгъы Сыгъдӕг Фыст дӕр: Уе 'фхӕрджытӕн хорзӕх курут Хуыцауӕй – ӕлгъитгӕ сӕ ма кӕнут, фӕлӕ сын хорзӕх курут Хуыцауӕй. Афтӕ Хицау фарны уац хъусынгӕнджытӕн дӕр бафӕдзӕхста фарны уац хъусын кӕнынӕй цӕрын. Фӕлӕ ӕз уыцы бартӕй не спайда кодтон; мӕ фыстӕг дӕр уӕм уый тыххӕй нӕ фыссын, ӕмӕ сӕ пайда кӕнын райдайон. Уый бӕсты мӕ амӕлӕт хуыздӕр уаид! Раппӕлинагӕй мӕм цы ис, уымӕй мӕ ӕнӕхай ничи фӕкӕндзӕн. Сымах, ӕфсымӕртӕ, уӕ зӕрдыл хорз дарут нӕ уӕззау куыст. Цӕмӕй уӕ тыхстыхос макӕмӕн уӕм, уый тыххӕй мах куыстам ӕхсӕвӕй-бонӕй, ӕмӕ уын афтӕмӕй хъусын кодтам Хуыцауы фарны уац. Хойраг лӕвар никӕмӕ хордтам, фӕлӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй кодтам уӕззау куыст, цӕмӕй уӕ макӕмӕн уӕм тыхстыхос.
Выбор основного перевода